Muzaffer Timurlenk
Quick Facts
Biography
Мамсыраты Мураты фырт Музаффæр (тур. Muzaffer Timurlenk) у ирон поэт. Музаффæр райгуырдис 1946-æм азы Хъарсы.
Цардафыст
Музаффæр сыгъдæг дзырдта йæ мадæлон æвзагыл. Туркаг æвзаг та сахуыр кодта, скъоламæ цæуын куы райдыдта, уæд. Бирæ уарзта чингуытæ кæсын, ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæм хъусын. Уыдоны æндæвдæй райрæзт, рапарахат, æнæмæнгæй, йе ’рдзон курдиат дæр.
Скъолайы ма куы ахуыр кодта Музаффæр, уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. Йæ амондæн, 1971 азы Ирыстоны зынгæдæр журналистгæй иу, Мамсыраты Мурат балцы уыд Турчы. Фембæлд йе ’рвадæлтимæ, базонгæ Музаффæримæ дæр. Бакаст ын йе ’мдзæвгæтæ æмæ дзы иуцаддæры бахаста йæ чиныг «Æцæгæлон бæстæ»-мæ (1986). Афтæ фыццаг хатг ирон чиныгкæсæг базыдга туркаг ирон поэт Мамсыраты Музаффæры ном. Йе ’мдзæвгæтæ æмæ радзырд мыхуырæй рацыдысты газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг»-ы фæрстыл дæр.
Музаффæр фыссы дыууæ æвзагыл дæр. Хъыгагæн, фæстаг азты активондæрæй архайы туркаг ’взагыл. Иæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд дæр туркаг æвзагыл рацыд— «TUTSAK». Фæлæ та тагъд ирон поэзи уарзджытæ базонгæ уыдзысты Музаффæры ног æмдзæвгæтимæ йæ мадæлон æвзагыл дæр.
Ныртæккæ Музаффæр ис пенсийы, фæлæ йе сфæлдыстадон куыст нæ уадзы. Ис ын бинонтæ: дыууæ лæппуйы æмæ фырты фырт. Цæры Стамбулы.
Фиппаинæгтæ
- ↑ Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.